Хуссар Ир æрбаиу акци "Георгиевская ленточка"-мæ

© Sputnik / Светлана Шевченко /  Ахизын медиабанкмæАкци "Георгиевская ленточка"
Акци Георгиевская ленточка - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.05.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 май - Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны райдыдта æрвылазон традицион акци "Георгиевская ленточка". Цхинвалы акцийы фыццаг хайадисæг ссис паддзахады сæргълæууæг Гаглойты Алан. Скъладзаутæ бахъæбæр кодтой æфсæддон кады символ президенты дарæсмæ.
Скъоладзаутæ баскъæрдтой президенты администрацимæ Сты Фыдыбæстон хæсты рæстæджы мотоцикл "Урал"-ыл. Президент дзырд радта æрбацæуын Уæлахизы бæрæгбонмæ Театралон фæзуатмæ зæрдылдарæн лентæимæ.
"Мах цæттæ кæнæм Уæлахизы бæрæгбонмæ. Мах уемæ фембæлдзыстæм Театралон фæзуатыл, æмæ æз бæрæгбонмæ æрбацæудзæн "Георгиевская ленточка"-имæ", - загъта президент сывæллæттæн.
Президенты фæстæ скъоладзаутæ ацыдысты хицауады сæрдар Джуссойты Константинмæ.
Акци уадзы ахсджиаг паддзахадон мадзæлтты фæдыл къамис, уый райдыдта майрæмбоны Цхинвалы Æнусон арты цур Кады Аллеймæ дидинтæ сæвæрынæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0