https://sputnik-ossetia.com/20240503/tskhinval-tsunar-dony-khtl-skusdzn-ualdzdzhy-krtty-28907512.html
Цхинвал-Цъунар доны хæтæл скусдзæн уалдзæджы кæрæтты
Цхинвал-Цъунар доны хæтæл скусдзæн уалдзæджы кæрæтты
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 3 май – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Цхинвал-Цъунар доны хæтæл скусын кæндзысты 2024 азы майы кæрæтты, уый руаджы лыг æрцæудзæн нуазыны доны проблемæ... 03.05.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-05-03T13:26+0300
2024-05-03T13:26+0300
2024-05-03T13:26+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/0b/03/26529382_0:161:3071:1888_1920x0_80_0_0_c39fc19e7c6c3076665c1fa44b2a1d23.jpg
ЦХИНВАЛ, 3 май – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Цхинвал-Цъунар доны хæтæл скусын кæндзысты 2024 азы майы кæрæтты, уый руаджы лыг æрцæудзæн нуазыны доны проблемæ Цъунары цæрджытæн. Уый тыххæй Sputnik-ы пресс-конференцийы рæстæджы фехъусын кодта Паддзахадон унитарон куыстуат "Водоканал"-ы директор Сиукъаты Иван.Йæ ныхæстæм гæсгæ Цхинвал-Цъунар доны хæтæл дæтдзæн дон фæйнæ цыппар сахаты райсом æмæ изæры, фæлæ Едысы дон хæтæлы реконструкцийы фæстæ объект рахиздзæн æрвылсуткæйы куыстмæ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/0b/03/26529382_170:0:2901:2048_1920x0_80_0_0_96847f1f0ee9ba8e907e935d119f7e00.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Цхинвал-Цъунар доны хæтæл скусдзæн уалдзæджы кæрæтты
ЦХИНВАЛ, 3 май – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Цхинвал-Цъунар доны хæтæл скусын кæндзысты 2024 азы майы кæрæтты, уый руаджы лыг æрцæудзæн нуазыны доны проблемæ Цъунары цæрджытæн. Уый тыххæй Sputnik-ы пресс-конференцийы рæстæджы фехъусын кодта Паддзахадон унитарон куыстуат "Водоканал"-ы директор Сиукъаты Иван.
"Алцыдæр сараздзыстæм 10 майы онг. Уый фæстæ ма нын баззайдзæн сæххæст кæнын насосон станцы монтаж. Хъæуы банысан кæнын, насостæ æмæ станцы каркас ныридæгæн сты ам, станцы бындуры дæр ныккодтой монолитон бетон. Афтæмæй мæйы кæронмæ хъуамæ скусын кæнæм доны хæтæл", - загъта Сиукъаты Иван.
Йæ ныхæстæм гæсгæ Цхинвал-Цъунар доны хæтæл дæтдзæн дон фæйнæ цыппар сахаты райсом æмæ изæры, фæлæ Едысы дон хæтæлы реконструкцийы фæстæ объект рахиздзæн æрвылсуткæйы куыстмæ.