https://sputnik-ossetia.com/20240507/gagloyty-alan-vladimir-kuznetsovy-nom-sygzrin-damgty-fyst-u-irystony-istoriyy-28939624.html
Гаглойты Алан: Владимир Кузнецовы ном сыгъзæрин дамгъæтæй фыст у Ирыстоны историйы
Гаглойты Алан: Владимир Кузнецовы ном сыгъзæрин дамгъæтæй фыст у Ирыстоны историйы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 7 май – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан тæфæрфæс ракодта номдзыд археолог, рагон алайнаг культурæ æмæ Кавказы астæуккаг æнусты... 07.05.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-05-07T15:21+0300
2024-05-07T15:21+0300
2024-05-07T15:21+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
гаглойты алан
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/07/1a/17896524_0:83:800:533_1920x0_80_0_0_eb502f2b33404c87b5ef411cc9416027.jpg
ЦХИНВАЛ, 7 май – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан тæфæрфæс ракодта номдзыд археолог, рагон алайнаг культурæ æмæ Кавказы астæуккаг æнусты историйы специалист Владимир Кузнецовы хиуæттæн.Зындгонд ахуыргонд ахицæн йæ цардæй 97 азы кары хуыцаубоны.Кузнецов уыд Стыр Фыдыбæстон хæсты ветеран, историон зонæдты доктор, Аланийы историйы фæдыл раздзог специалист, дыууæ сæдæйæ фылдæр зонадон куысты автор, ЦКФЗ æмæ Цæгат Ирыстоны кадджын æмбæстаг. Йæ куыстыты фылдæр хай баст у алайнаг материалон æмæ монон культурæйæн.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/07/1a/17896524_49:0:760:533_1920x0_80_0_0_519f64fc10c8e95c9530274e26403726.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан
Гаглойты Алан: Владимир Кузнецовы ном сыгъзæрин дамгъæтæй фыст у Ирыстоны историйы
ЦХИНВАЛ, 7 май – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан тæфæрфæс ракодта номдзыд археолог, рагон алайнаг культурæ æмæ Кавказы астæуккаг æнусты историйы специалист Владимир Кузнецовы хиуæттæн.
Зындгонд ахуыргонд ахицæн йæ цардæй 97 азы кары хуыцаубоны.
"Легендарон адæймаджы цард баст уыд археологи æмæ историимæ; Владимир Кузнецовы чингуытæ баззайдзысты немæ, уыдон раргом кæнынц Кавказы адæмты историйы сусæгдзинæдтæ. Хуссар Ирыстоны æхсæнад тæфæрфæс кæны Владимир Александры фырты хиуæттæн. Владимир Кузнецовы ном сыгъзæрин дамгъæтæй фыст у Ирыстоны историйы", - хъусын кæны Гаглойты Аланы ныхæстæ йæ пресс-службæ.
Кузнецов уыд Стыр Фыдыбæстон хæсты ветеран, историон зонæдты доктор, Аланийы историйы фæдыл раздзог специалист, дыууæ сæдæйæ фылдæр зонадон куысты автор, ЦКФЗ æмæ Цæгат Ирыстоны кадджын æмбæстаг. Йæ куыстыты фылдæр хай баст у алайнаг материалон æмæ монон культурæйæн.