Ленингоры районы фæндæгтæ сыгъдæг кæныны куыстытæ сног уыдзысты боныгъæды фæхуыздæры фæстæ

© Sputnik / Ада БагианЛенингоры район
Ленингоры район - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.05.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 май – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Ленингоры районы фæндагон бастдзинад сцалцæг кæныны куыстытæ сног кæндзысты боныгъæд куы фæхуыздæр уа, уæд. Уый тыххæй Sputnik-æн радзырдта районон администрацийы ЦКХ хайады хистæр Битарты Виталий.
"Боныгъæд нын нырма фадат нæ дæтты адарддæр кæнын фæндæгтæ сыгъдæг кæныны куыстытæ. Къæвда куыддæр æрлæууа, афтæ сног кæндзыстæм куыстытæ", - бахахх кодта Битарты Виталий.
ЦКХ хайады хистæр ма ранымадта æрдзон бæллæх иууыл фылдæр зиан цы хъæутæн æрхаста, уыдон.
"Иууыл фылдæр бахъыгдард сты Ларгвис æмæ Ахмадз. Транспортон бастдзинад ацы цæрæн пункттæм фехæлд. Махæн бантыст сног кæнын бастдзинад, фæлæ куыстытæ нырма нæ фесты", - загъта Битарты Виталий.
Ног хабӕртты лентӕ
0