Транскамы уары къӕвда, трассӕ кусы штатон режимы – УУМ

© Sputnik / Natalia AiriyanТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.05.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 май - Sputnik. Транскавказаг автомагистраль кусы штатон режимы ӕнӕ арӕнӕвӕрдтӕй, фӕлӕ Ручъы тоннелы дыууӕ фарс дӕр ис ӕвзӕр боныгъӕд, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.
"13 майы райсоммӕ дуркӕлдтытӕ нӕй. Ручъы дыууӕ фарс дӕр уары къӕвда", - банысан кодтой уагдоны.
Транскавказаг магистраль цæуы уæлхох бынæтты æмæ у иунæг фæндаг кæцы иу кæны Хуссар Ирыстоны Уæрæсеимæ. Трассæйы дæргъ у 164 километры. Зымæджы æмæ уалдзæджы трассæйыл фæзыныц проблемæтæ хæххон бынæттæн характерон миты æмæ цъыфы зæйтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0