Хуссар Иры медицинон уагдæтты баиу кодтой хъармгæнæн системæ боныгъæды февзæрдæры тыххæй

© Sputnik / Мария ДевахинаХуссар Иры медицинон уагдæтты баиу кодтой хъармгæнæн системæ боныгъæды февзæрдæры тыххæй
Хуссар Иры медицинон уагдæтты баиу кодтой хъармгæнæн системæ боныгъæды февзæрдæры тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.05.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 май - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны медицинон уагдæтты баиу кодтой хъармгæнæн системæ республикæйы боныгъæд кæй февзæрдæр, уый тыххæй, фехъусын кодтой Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады.
Уый размæ хъармгæнæн системæ баиу кодтой сабидæтты. Уый кусдзæн 17 майы онг.
"Хъармгæнæн системæ баиу кодтой республикон рынчындоны, гуырæн хæдзары, сывæллæтты рынчындоны æмæ æндæр уагдæтты. Махæн нæ бон нæ уыд ныууадзын пациентты ахæм уазал боныгъæды æнæ хъармгæнæн системæйæ. Уый кусдзæн медицинон уагдæтты цалынмæ боныгъæд фæхуыздæр уа, уæдмæ", - загътой пресс-службæйы.
Ног хабӕртты лентӕ
0