РХИ экономикæйы министрад бафыста æмгуыстады бадзырд ирайнаг хæрзаудæн ассоциациимæ

© Sputnik / Михаил АвагимовРХИ экономикæйы министрад бафыста æмгуыстады бадзырд ирайнаг хæрзаудæн ассоциациимæ
РХИ экономикæйы министрад бафыста æмгуыстады бадзырд ирайнаг хæрзаудæн ассоциациимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.05.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 май – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Цхинвалы дыццæджы ацыд æмгуыстад æмæ æмархайды фæдыл меморандум бафыссыны церемони Хуссар Ирыстоны экономикон райрæзты министрад æмæ зонад æмæ технологиты райрæзты фæдыл Ираны хæрзаудæн ассоциациимæ.
Документы бын сæ къухфысттæ æрæвырæдтой РХИ экономикон райрæзты министр Хъотайты Сæрмæт æмæ Ираны раздæры минæвар Уæрæсейы (2009-2013) Сейед Махмуд Реза Саджади.
Республикæйы премьер-министр Джуссойты Константин бахахх кодта, ацы къахдзæф кæй у историон Хуссар Ирыстонæн.
"Ацы документы бафыст у историон момент Хуссар Ирыстонæн. Нæ республикæйæн ис егъау потенциал, кæцы мах хъуамæ среализаци кæнæм. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, абоны фембæлды фæстиуæгæн мах кæй сбæрæг кæндзыстæм иумæйаг здæхтытæ, кæцыты руаджы уæрæхдæр кæндзæн базарадон-экономикон æмгуыстад", - бахахх кодта премьер.
Документы бафысты фæстæ фембæлд адарддæр ис æхгæд дуæрттимæ.
© Sputnik / Михаил АвагимовРХИ экономикæйы министрад бафыста æмгуыстады бадзырд ирайнаг хæрзаудæн ассоциациимæ
Подписание меморандума с иранской делегацией в правительстве Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.05.2024
РХИ экономикæйы министрад бафыста æмгуыстады бадзырд ирайнаг хæрзаудæн ассоциациимæ
Ног хабӕртты лентӕ
0