Цæттæ стæм продуктивон куыстмæ: Гаглойты Алан райста Цхинвалы ирайнаг бизнесмены

© Sputnik / Мария ТедееваГаглойты Алан райста Цхинвалы ирайнаг бизнесмены
Гаглойты Алан райста Цхинвалы ирайнаг бизнесмены - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.05.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 май – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад цæттæ у сæххæст кæнын инвестициты æдасдзинад, фехъусын кодта президент Гаглойты Алан зонад æмæ технологиты райрæзты фæдыл Ираны хæрзаудæн ассоциацийы генералон директор Сейед Махмуд Реза Саджадиимæ фембæлды рæстæджы.
Ирайнаг бизнесмен æрцыд республикæмæ уæрæсейаг инвестор Джуссойты Альбертимæ. Уый размæ Саджади уыд Ираны минæвар Уæрæсейы. Йæ ныхæстæм гæсгæ, пенсимæ рахизыны фæстæ уый сарæзта компани, кæцы архайы зонадон æмæ сæудæджерадон здæхтыты.
"Республикæйы къухдариуæгад цæттæ у сæххæст кæнын цыфæнды инвестициты æдасдзинад æмæ æвдисы разыдзинад диалог æмæ пайдаджын куыстмæ", - фехъусын кодта президент.
Президент радзырдта уазæгæн республикæйы историйы тыххæй æмæ зæрдыл æрбалæууын кодта, 2008 азы августы хæсты фæстæ республикæйы хæдбардзинад кæй банымадта Уæрæсе, уый фæстæ та ноджы цалдæр бæстæйы.
Афтæ ма паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, Уæрæсе æмæ Иран кæй фидар кæнынц сæ æмархайд, кусынц алыгъуызон фадгуыты.
"Хуссар Ирыстонæн Уæрæсе у стратегион партер, кæцыимæ бæттæм нæ фидæн. Абоны бон бирæ ивындзинæдтæ цæуынц геополитикон аренæйыл, уый фæдыл мах райгонд стæм нæ иумæйаг хæлæрттæй", - загъта президент.
Саджади бузныг загъта Гаглойты Аланæн йæ хъарм райсты тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, минæвар куы уыд, уæд уыдта Хуссар Ирыстоны тырнындзинад райрæзтмæ.
"Æхсызгон мын у, мæ бон уын баххуыс кæнын кæй у, уый тыххæй. Кæд бæстæ фидар у экономикон æгъдауæй, уæд ын тыхæй зынтæй исты саразын кæндзынæ", - загъта уый.
Саджади баныфсæвæрдта, йæ бон кæй суыдзæн баххуыс кæнын республикæйæн экономикæ æмæ сæдæджерады райрæзты хъуыддаджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0