Уæрæсейы президент ацæудзæн кусæгон балцы Китаймæ 16-17 майы

© Sputnik / Mikhael Klimentyev /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейы президент ацæудзæн кусæгон балцы Китаймæ 16-17 майы
Уæрæсейы президент ацæудзæн кусæгон балцы Китаймæ 16-17 майы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.05.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 май – Sputnik. Уæрæсейы президент Владимир Путин йæ фыццаг фæсарæйнаг балц инаугурацийы фæстæ сæххæст кæндзæн Китаймæ 16-17 майы Китайы Адæмон Республикæйы сæргълæуæг Си Цзиньпины æрхуындæй, хъусын кæны Кремлы пресс-службæ.
Дыууæ бæстæйы лидертæ сбæрæг кæндзысты дарддæры æмгуыстады здæхтытæ, афтæ ма æрдзурдзысты иууыл актуалондæр проблемæтыл.
"Китайы Адæмон Республикæйы сæргълæууæг Си Цзиньпины æрхуындæй Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путин 2024 азы 16-17 майы бабæрæг кæндзæн Китайы Адæмон Республикæ йæ фыццаг фæсарæйнаг балцы инаугурацийы фæстæ", - дзырдæуы хъусинаджы.
Балцы фæлгæтты ма Владимир Путин фембæлдзæн Китайы Паддзахадон советы премьер Ли Цянимæ, кæцыимæ æрдзурдзысты дыууæварсон æмгуыстадыл базарадон-экономикон æмæ гуманитарон фадгуыты.
Ног хабӕртты лентӕ
0