Гасситы Мурæтæн радон тох уыдзæн августы

© Sputnik / Евгения Новоженина /  Ахизын медиабанкмæБоксер
Боксер - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.05.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 мая – Sputnik. Ирон боксер, раздæры стыр уæзы уæлахиздзау верситæ IBF æмæ WBA-мæ гæсгæ Гасситы Мурæтæн уыдзæн радон тох августы ацы аз, хъусын кæны ТАСС.

"Мурæт сфидар ис травмæйы фæстæ. Фæнд кæнæм тох ауадзын августы", - фехъусын кодтой агентадæн спортсмены командæйы.

Ивгъуыд азы кæрон ирон спортсменæн сарæзтой опреаци йæ рагъыстæгыл.
Гасситы Мурæтыл цæуы 30 азы, уыд йын 33 тохы, кæцытæй 30 рамбылдта, дыууæйы фæхæрæд æмæ иу та тох та нымад цæуы æнæацæугæйыл. Фæстаг тох Гасситы Мурæтæн уыд ивгъуыд азы октябры, уæд уый тæрхонгæнджыты ныхмæвæрд скъуыддзагæй фæхæрæд ис швециаг боксер Отто Валлинæн.
Гасситы Мурæт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.07.2023
Гасситы Мурæт ауадздзæн йæ радон тох сентябры Баколе æви Валлины ныхмæ
Ног хабӕртты лентӕ
0