ПТРК "Ир"-ы проект "Зонды Зилахар"-æй ацæудзæн грандиозон финал

© Sputnik / Наталья АйриянПТРК "Ир"
ПТРК Ир - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.05.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 май – Sputnik, Нина Мохаммад. Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры майрæмбоны ацæудзæн паддзахадон телерадиокомпани "Ир"-ы проект "Зонды Зилахар"-ы финал. Уый тыххæй радио Sputnik-ы эфиры фехъусын кодта ПТРК "ИР"-ы сæйраг редактор Козаты Дзерассæ.
"Мах фæуд кæнæм проект "Зонды Зилахар" грандиозон комкоммæ эфирæй Паддзахадон драмон театры, мадзал ацæудзæн 17 майы. Интеллектуалон телеуынынадон хъазты финал нывонд у Ирон æвзаджы бонæн", - радзырдта Козаты Дзерассæ.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, телепроект райдыдта 2024 азы январы. Цалдæр мæйы дæргъы республикæйы скълаты командæтæ æвдыстой сæ зонындзинæдтæ ирон истори, литературæ, зонад æмæ спорты къабазы.
"Ныртæккæ уагъд цæуы цæттæгæнæн куыст финалон хъазтмæ", - бахахх кодта Козаты Дзерассæ.
"Зонды Зилахар"-ы финалмæ ацыдысты цыппар командæйы: Цъинагары æмæ Бехъмары астæуккаг скъолаты командæтæ, афтæ ма дыууæ командæйы Цхинвалы æхсæзæм астæуккаг скъолайæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0