Цхинвалы банысан кодтой ирон ӕвзаджы бон

© Аманда ТомаеваЦхинвалы банысан кодтой ирон ӕвзаджы бон
Цхинвалы банысан кодтой ирон ӕвзаджы бон  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.05.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 май - Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ӕртыццӕджы ацыд мадзӕлттӕ Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бӕрӕгбоны цытӕн.
Хуссар Ирыстоны президенты администрацийы минӕварттӕ, ХИПУ-йы студенттӕ ӕмӕ лектортӕ, ректор Тедеты Вадимы сӕргълӕудӕй ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ. Уыдон сӕвӕрдтой дидинтӕ Къостайы цыртмӕ Цхинвалы.
© Аманда ТомаеваЦхинвалы банысан кодтой ирон ӕвзаджы бон
В Цхинвале отметили День осетинского языка - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.05.2024
Цхинвалы банысан кодтой ирон ӕвзаджы бон
Президенты администрацийы хистӕры фыццаг хӕдивӕг Джиоты Къоста ӕрдзырдта Хетӕгкаты Къостайы лӕггӕдтыл мадӕлон ӕвзаджы раз.
"125 азы размӕ мыхуыр ӕрцыд Къостайы "Ирон фӕндыр" ӕмӕ уӕдӕй нырмӕ ирон дзырд зӕлы дунейы. Нӕ хӕс ӕмӕ фидӕны фӕлтӕрты хӕс у йӕ бахъахъхъӕнын",- загъта уый.
Мадзалы рӕстӕг ма студенттӕ дӕр радзырдтой поэты царды тыххӕй ӕмӕ бакастысты йе 'мдзӕвгӕтӕ.
© Аманда ТомаеваЦхинвалы банысан кодтой ирон ӕвзаджы бон
В Цхинвале отметили День осетинского языка - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.05.2024
Цхинвалы банысан кодтой ирон ӕвзаджы бон
Ног хабӕртты лентӕ
0