Ирыстойнаг спортсментӕ хайад райсдзысты дунейы чемпионаты дзюдойӕ Абу-Дабийы

© Photo : Министерство спорта РСО-АланияТаймӕзты Мӕдинӕ
Таймӕзты Мӕдинӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.05.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 май – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Ирыстоны ӕртӕ минӕвары хайад райсдзысты дунейы чемпионаты дзюдойӕ Абу-Дабийы.
2020 азы Олимпиадӕйы бронзӕйон призер Таймӕзты Мӕдинӕ ацы турниры бафӕлвардзӕн рамбулын йӕ фыццаг майдан дунейы чемпионатты. Спортсменкӕ хайад райсдзӕн 70 килограммы уӕзы категорийы.
Цкаты Зелим тох кӕндзӕн турниры майдантыл 81 килограммы уӕзы категорийы. Уымӕн ацы дунейы чемпионат уыдзӕн фыццаг йӕ карьерӕйы.
Коцойты Зелим, кӕцы архайы 100 килограммы онг уӕзы категорийы, бафӕлвардзӕн фӕхуыздӕр кӕнын йӕ фӕстиуӕг дунейы чемпионатты ивгъуыд азтӕм абаргӕйӕ. 2022 ӕмӕ 2023 азты уый ссис бронзӕйон призер.
Таймӕзты Мӕдинӕ архайдзӕн Уӕрӕсейы командӕйы сконды, Цкаты Зелим ӕмӕ Коцойты Зелим та Азербайджаны командӕйы сконды.
Дуне ӕмӕ Европӕйы архайгӕ чемпион дзюдойӕ Тасойты Инал нӕ исдзӕн хайад турниры.
Дунейы чемпионат дзюдойӕ цӕудзӕн Абу-Дабийы 19-22 майы. Ерысты хайад исдзысты 700 спортсмены 110 бӕстӕйӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0