Путин: Китай æмæ Уæрæсейы æхсæн базарад фидар хъахъхъæдгонд у

© POOL /  Ахизын медиабанкмæВладимир Путин æмæ Си Цзиньпин
Владимир Путин æмæ Си Цзиньпин - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.05.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 май – Sputnik. Уæрæсе æмæ Китайы æхсæн базарад фидар хъахъхъæдгонд у, фехъусын кодта Владимир Путин Китайы Адæмон Республикæйы сæргълæууæг Си Цзиньпинимæ баныхасы фæстиуæгæн Пекины.
Уæрæсейы президент æрцыд Китаймæ паддзахадон балцы знон изæр. Уый у йæ фыццаг фæсарæйнаг балцы инаугурацийы фæстæ.
"Сом æмæ юаны хай уæрæсейаг-китайаг коммерцион операциты схызт 90 процентæй. Æмæ ацы бæрæггæнæнтæ дарддæр рæзынц. Уый фæдыл гæнæн ис дзурын, нæ бæстæты æхсæн базарад æмæ инвестицитæ фидар хъахъхъæдгонд кæй сты дунеон валютон базарты негативон тенденцитæй æмæ æндæр бæстæты æндæвдадæй", - хъусын кæны РИА Новости уæрæсейаг лидеры ныхæстæ.
Афтæ ма Владимир Путин æмæ Си Цзиньпин баныхас кодтой фидар кæнын контакттæ банкон фадыджы.
Китайы Адæмон Республикæйы сæргълæууæг Си Цзиньпин йæхирдыгæй фидарæй загъта, дарддæр дæр цæттæ кæй у уæрæх кæнын дыууæварсон ахастытæ, афтæ ма аразын æмархайды ног нывæстытæ алы здæхты дæр.
Ног хабӕртты лентӕ
0