Донецкы ссардтой Ирыстойнаг хъайтар Мамиты Олегы рухс ном

© Sputnik / Сергей Аверин /  Ахизын медиабанкмæДонецкы ссардтой Ирыстойнаг хъайтар Мамиты Олегы рухс ном
Донецкы ссардтой Ирыстойнаг хъайтар Мамиты Олегы рухс ном - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.05.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 май – Sputnik. Донецкы ссардтой Донецкы Адæмон Республикæйы (ДАР) Хъайтар, Цæгат Ирыстонæй бархион Мамиты Олегы ("Мамай) рухс ном, хъусын кæны РИА Новости.
Дидинтæ сæвæрыны церемони ацыд Мамиты Олегы мæлæты афæдзы бон Хъайтарты Аллейы Донецкы центры, цыран æвæрд у йæ бюст.
"Æхсæз азы немæ нал ис Мамиты Олег. Абон мах æрбацыдыстæм дидинтæ сæвæрынмæ йæ цыртмæ. Æхсæз азы размæ ацы бынаты йæ цыртимæ арæзт æрцыд Хъайтарты Аллей – цы ран сты нæ республикæйы хъайтратæ, кæцытæ абон немæ нал сты, фæлæ нын дарддæр æххуыс кæнынц æнæмæлгæ полчы", - загъта регионалон парламенты депутат Алексей Муратов.
Мамиты Олег райгуырд 1977 азы 12 декабры Дзæуджыхъæуы. 2008 азы августы хайад иста Хуссар Ирыстоны хӕсты. Донбассмӕ ацыд 2014 азы. Олегӕн баззад бинойнаг ӕмӕ дыууӕ фырты.
Ног хабӕртты лентӕ
0