Ирыстойнаг хъæбысæйхæцджытæ хайад райсдзысты æхсæнадæмон рейтингон турниры Будапешты

© Photo : Пресс-служба Минспорта РСО-АланияУæгъдибар хъæбысхæст
Уæгъдибар хъæбысхæст - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.05.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 май – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Цыппар уæгъдибар хъæбысæйхæцæджы Ирыстонæй хайад райсдзысты æхсæнадæмон турниры UWW Будапешты (Венгри).
2014 азы дунейы чемпион Цæболты Хетик тох кæндзæн Сербийы командæйы сконды 74 килограммы уæзы категорийы, 2021 азы Европæйы чемпионаты уæлахиздзау Гулаты Æхсарбег та хъахъхъæндзæн Словакийы спортивон кад 79 килограммы уæзы категорийы.
Турниры майдантыл 97 килограммы уæзы категорийы стох кæндзæн Европæйы æхсæз хатты призер Байцаты Владислав (Венгри) æмæ 2022 азы дунейы чемпионаты æвзист призер Цæкулаты Батырбег (Словаки).
Æхсæнадæмон турнир "Мемориал Имре Пойяка и Яноша Варги-2024" ацæудзæн Будапешты 6-7 июны. Ерысты хайад райсдзысты 100 спортсмены бæрц дунейы 20 бæстæйæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0