Джиоты Арсений хайад райсдзæн Европæйы чемпионаты 23 азы кары онг спортсменты æхсæн

© Unsplash / Jacob RiceХъæбысæйхæцæг
Хъæбысæйхæцæг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.05.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 май – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссарирыстойнаг уæгъдибар хъæбысæйхæцæг Джиоты Арсений хайад райсдзæн Европæйы чемпионаты 23 азы кары онг спортсменты æхсæн Бакуйы (Азербайджан).
Джиоты Арсений, кæцы архайы Азербайджаны командæйы сконды, тох кæндзæн майдантыл 86 килограммы уæзы категорийы.
Уый размæ нысангонд æрцыд, Европæйы чемпионаты хайад кæй райсдзæн ноджы иу хуссарирыстойнаг хъæбысæйхæцæг Дзæгъиаты Сослан 97 килограммы уæзы категорийы.
Джиоты Арсений у хистæр кары Европæйы чемпионаты бронзæйон призер 2024 азы. Афтæ ма уый рамбылдта сыгъзæрин майдан Хæдбар паддзахадты æмбалады бæстæты II Хъæзтыты.
Европæйы чемпионат спортивон хъæбысхæстæй 23 азы кары онг спортсменты æхсæн ацæудзæн бакуйы 20-æй 26-æм майы. Ерысты хайад райсдзысты 350 спортсмены 33 бæстæйæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0