Ираны президент фæмард авиакатастрофæйы фæстиуæгæн

© Sputnik / Павел Бедняков /  Ахизын медиабанкмæЭбрахим Раиси
Эбрахим Раиси - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.05.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 май - Sputnik. Ираны президент Эбрахим Раиси, Ираны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады (ФХМ) сæргълæууæг Хосейн Амир Абдоллахиан æмæ делегацийы æппæт уæнгтæ, кæцы æрцæйцыд Азербайджанмæ балцы фæстæ, фæмард сты вертолеты æрхауды фæстиуæгæн. Уый тыххæй хъусын кæны РИА Новости.
"Эбрахим Раиси, нæ бæстæйы президент, фæмард вертолеты æрхауды фæстиуæгæн Ираны цæгат-уыгылæны хæххон районы, фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Хосейн Амир Абдоллахиан дæр фæмард", - дзырдæуы агентады хъусинаджы.
Ираны президент æмæ ФХМ сæргълæууæгæй дарддæр вертолеты бортыл уыдысты имам Тебриза Мохаммад Али аль-Хашем, Скæсæйнаг Азербайджан провинцийы сæргълæууæг Малек Рахмати, вертолеты экипаж æмæ хъахъхъæнынады службæйы иу кусæг.
Ног хабӕртты лентӕ
0