Улан-Баторы сæвæрдзысты ССРЦ дыууæ хатты Хъайтар Плиты Иссæйы цырт

© Sputnik / Дзерасса БиазартиПлиты Иссæ
Плиты Иссæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.05.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 май - Sputnik. Монголийы столицæйы фæззæджы бакæндзысты цырт-бюст легендарон командæгæнæг, Советон Цæдисы дыууæ хатты Хъайтар Плиты Иссæйæн, хъусын кæны Ирæтты мæскуыйаг æхсæнады пресс-службæ.
Скульптурæйы автор у Уæрæсейы нывгæнджыты Цæдисы уæнг Дзæбойты Арсен.
Дзанайты Азанбеджы номыл Культурæйы фонды президент Дзанайты Зауыр куыд банысан кодта, афтæмæй Советон Цæдисы дыууæ хатты Хъайтар, Монголийы Адæмон Республикæйы Хъайтар, æфсады инæлар Плиты Иссæйæн радон цырт сæвæрдзысты хæслæвæрдтæ æххæст кæныны фæлгæтты, кæцытæ бахæс кодта Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путин уырыссаг дунейы райрæзты фæдыл.

"Цырт бакæныны бæрæгбонон церемони ацæудзæн ацы аз 1 сентябры", - банысан кодта Дзанайты Зауыр.

Советон æфсадфæтæг Плиты Иссӕ райгуырд 1903 азы. 1936 азы къухдариуӕг кодта Монголы республикӕйы революцион ӕфсады иумӕйаг ӕфсӕддон скъолайӕн. Советон цæдисы дыууæ уæлдæр хорзæхæй дарддæр ма у Монголийы адæмон республикæйы Хъайтар дæр.
Ног хабӕртты лентӕ
0