Хуссар Иры спортсментӕ рамбылдтой аст сыгъзӕрин майданы хӕстон аивӕдты хъӕзтыты Уфайы

© Из личного архива Артема ДжабиеваХуссар Иры спортсментӕ рамбылдтой аст сыгъзӕрин майданы хӕстон аивӕдты хъӕзтыты Уфайы
Хуссар Иры спортсментӕ рамбылдтой аст сыгъзӕрин майданы хӕстон аивӕдты хъӕзтыты Уфайы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.05.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 май - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны хӕстон аивӕдты клуб "Skolot"-ы спортсментӕ рамбылдтой аст сыгъзӕрин майданы хӕстон аивӕдты VI Евразиаг хъӕзтыты Уфайы, фехъусын кодта Sputnik-ӕн клубы тренер Дзабиты Артем.
Ерысты цыдысты 16-ӕй 20-ӕм маймӕ. Хуссар Ирыстоны командӕ архайдта ӕртӕ спортивон дисциплинӕйы: "Ӕппӕтстилон карате", "Free-Combat" ӕмӕ "Oriental-Combat"-ы. Нӕ командӕ рамбылдта аст сыгъзӕрин, иу ӕвзист ӕмӕ ӕртӕ бронзӕйон майданы.
"Евразиаг хъӕзтыты фӕлгӕтты уагъд цыд ӕхсӕнадӕмон турнир ӕппӕтстилон каратейӕ. Ацы ерысты фыццаг бынӕттӕ бацахстой: Хъуылымбегты Аня, Тыбылты Алана ӕмӕ Гуыззытаты Дмитрий. Дыккаг бынат бацахста Харебаты Арсен, ӕртыккаг та – Бекъойты Шамиль", - загъта спортсменты тренер.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕ хъомылгӕнинӕгтӕ сӕхи хорз равдыстой комбат ерысты дӕр.
"Тыбылты Алана, Хъуылымбегты Аня, Харебаты Арсен, Гуыззытаты Дмитрий ӕмӕ Бестауты Роберт ссисты уӕлахиздзаутӕ "Free-Combat"-ӕй. "Oriental-Combat" ерысты бронзӕйон хорзӕхтӕ рамбылдтой Харебаты Станислав ӕмӕ Хъӕцмӕзты Алан", - бафтыдта Дзабиты Артем.
Евразиаг хъӕзтыты хайад райстой 400 спортсмены дунейы 15 бӕстӕ ӕмӕ Уӕрӕсейы 60 регионӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0