Хуссар Иры УУМ ӕмӕ Комавтодор кусынц микрорайон "Хурзӕрин"-ы хид сцалцӕг кӕныны фарстыл

© Sputnik / Пресс-служба МЧС РЮОХуссар Иры УУМ ӕмӕ Комавтодор кусынц микрорайон "Хурзӕрин"-ы хид сцалцӕг кӕныны фарстыл
Хуссар Иры УУМ ӕмӕ Комавтодор кусынц микрорайон Хурзӕрин-ы хид сцалцӕг кӕныны фарстыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.05.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 май – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрад (УУМ) ӕмӕ Комавтодор кусынц микрорайон "Хурзӕрин"-ы хид сцалцӕг кӕныны фарстыл. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн фехъусын кодта Комавтодоры разамонӕг Гӕбӕраты Алан.
"Бахъыгдард хиды централон быцӕу, йӕ реконструкцийы фӕдыл куыстытӕ нырма нывӕсты нӕй. Уымӕн ӕмӕ нырма хъӕуы ауадзын басгӕрст ӕмӕ саргъ кӕнын хиды уавӕрӕн. Махмӕ республикӕйы нӕй специалист, кӕцы уый сӕххӕст кӕндзӕн", - загъта Гӕбӕраты Алан.
Комавтодоры сӕргълӕууӕг бахахх кодта, Хуссар Ирыстон кӕй нывӕнды ӕрбаздахын фарст аскуыддзаг кӕнынмӕ специалистты Цӕгат Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейӕ.
Гӕбӕраты Аланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, микрорайон "Хурзӕрин"-ы хиды дарддӕры хъысмӕты фӕдыл скъуыддзаг рахӕсдзысты ӕмбӕлон экспертизӕ ауадзыны фӕстӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0