Хуссар Иры мыдгӕстӕ ӕндидзын кӕнынц сӕ хӕдзарадтӕ фӕззыгон цагъды фӕстӕ

© Sputnik / Игорь Агеенко /  Ахизын медиабанкмæПчеловоды окуривают соты на пасеке
Пчеловоды окуривают соты на пасеке - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.05.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 май - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны мыддарджытӕ ӕндидзын кӕнынц сӕ хӕдзарадтӕ фӕззыгон рыны цагъды фӕстӕ, астӕуккаг нымадмӕ гӕсгӕ ивгъуыд аз ахуыссыд дыууӕ мин мыдычыргъӕды.
"Мыддарджытӕ сты мӕнгуырнӕг адӕм ӕмӕ дырыс нымӕц никуы фӕдзурынц. Уымӕ гӕсгӕ мӕ бон у зӕгъын астӕуккаг нымады нымӕц. Знауыры ӕмӕ Цхинвалы районы ивгъуыд аз ахуыссыд дыууӕ мин чыргъӕды", - загъта Цхинвал районы Тъбеты хъӕуы мыддарӕг Николай Акопов.
Уый ма бафиппайдта, мыдыбындзытӕ цӕмӕй ныццагъдысты, уый фидарӕй нӕ зонынц, сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ фыдбылыз ӕрхаста джыбы.
"Аппаринаг хъуыды нӕу, мыдыбындзытӕ кӕй амардысты джыбыйӕ. Гӕнӕн ис ӕмӕ уый разына джыбыйы ног хуыз "тропи", кӕцы Уырысмӕ дӕр ӕрбаластой Узбекистанӕй, махмӕ та ӕрбахауд Уӕрӕсейӕ. Ныр цадӕггай ӕлхӕнын ног къӕртатӕ ӕмӕ ӕндидзын кӕнын мӕ хӕдзарадтӕ", - бафтыдта уый.
Ӕндӕр мыддарӕг Знауыры районӕй Плиты Вячеслав та бафтыдта, мыды чыргъӕдты ахуыссыны аххос ма у фарон ӕвзӕр аз кӕй скодта, уый.
"Сӕрды мӕ чыргъӕдтӕ аластон хӕхтӕм ӕмӕ уым хорз ӕрхастой мыд, къӕртатӕ сфидар сты ӕмӕ уый фӕрцы дзы бирӕ нӕ ахуыссыд. Уӕлӕмхас нал ӕлхӕнын, сӕхӕдӕг цадӕггай мыггаг кӕнынц", - загъта мыддарӕг.
Плиты Вячеслав ма бафтыдта, бирӕ къӕртатӕ кӕй ахуыссыд Дзауы районы дӕр.
Ног хабӕртты лентӕ
0