РХИ хицауад райста хыгъдлӕвӕрд паддзахадон бюджет сӕххӕст кӕныны фӕдыл фыццаг кварталы

© Sputnik / Мария СанакоеваРХИ хицауад
РХИ хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.05.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 май - Sputnik, Козаты Диана. Бюджеты ӕфиӕгтӕ 2024 азы фыццаг кварталы сты иу ӕмӕ ӕрдӕг миллиард соммӕ ӕввахс, уый тыххӕй Хуссар Ирыстоны хицауады рабадтыл фехъусын кодта финансты министр Тадтаты Дзамболат.
Хицауад ӕртыццӕджы райста хыгъдлӕвӕрд паддзахадон бюджет сӕххӕст кӕныны фӕдыл.
Фыццаг кварталы бюджеты ӕфтиӕгтӕ сты 1,4 миллиард сомы, хӕрдзтӕ та – 1,2 миллиард сомы, банысан кодта финансты министр.
Ивгъуыд азы аналогион период бюджеты ӕфтиӕгтӕ уыдысты 1,8 миллиард сомы, хӕрдзтӕ та 1,2 миллиард соммӕ ӕввахс.
Хуссар Ирыстоны бюджеты иумӕйаг гуырахст 2024 азы у 8 миллиард 835 милуан сомы.
Ног хабӕртты лентӕ
0