Цхинвалы ацӕудзӕн цӕгатирыстойнаг артистты юмористон концерт

© Fotolia / CarloscastillaМикрофон
Микрофон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.05.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 май - Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ацӕудзӕн Цӕгат Ирыстоны адӕмон артист Битарты Александры юбилейон юмористон концерт.
Битарты Александр радзырдта Sputnik-ӕн, программӕйы кӕй уыдзысты ӕрмӕст юмористон нӕ, фӕлӕ ма музыкалон номыртӕ дӕр.
"Программӕ у музыкалон-сатирикон, йӕ ном хуыйны "Мӕлӕты лӕг". Мемӕ ӕрцӕудзӕн егъау командӕ, уымӕн ӕмӕ мах уыдзыстӕм 15 адӕймагӕй фылдӕр. Се 'хсӕн сты кӕсджыты уарзондӕр артисттӕ – Цӕгат Ирыстоны адӕмон артисткӕ Габуты Жанна, зарӕггӕнӕг Бугаты Зӕринӕ, Собиты Руслана ӕмӕ бирӕ ӕндӕртӕ", - загъта уый.
Битарты Александры ныхӕстӕм гӕсгӕ, номырты ӕвдыст цӕудзысты зонгӕ ӕмӕ цардуагон цаутӕ, кӕцытыл сӕмбӕлынц хуымӕтӕг адӕм ӕрвылбон.
Ног хабӕртты лентӕ
0