Ирыстойнаг хъæбысæйхæцджытæ хайад райсдзысты ЦКФЗ ерысты

© Photo : Пресс-служба Минспорта РСО-АланияУæгъдибар хъæбысхæст
Уæгъдибар хъæбысхæст - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.05.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 23 май – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Дыууын æртæ уæгъдибар хъæбысæйхæцæджы Ирыстонæй хайад райсдзысты Цæгат Кавказы федералон зылды (ЦКФЗ) ерысты 24 азы онг кары спортсменты æхсæн Нальчикы.
Ирыстойнаг хъæбысæйхæцджытæ тох кæндзысты майдантыл фондз уæзы категорийы – 57 кг, 65 кг, 74 кг, 86 кг æмæ 97 кг.
ЦКФЗ фыццагад уæгъдибар хъæбысхæстæй 24 азы онг кары спортсменты æхсæн ацæудзæн Нальчикы 23-æй 25-æм маймæ. Ерысты хайад райсдзысты 100 спортсмены бæстæйы алыгъуызон регионтæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0