Хуссар Иры хицауад райста рæстæгмæ мадзæлттæ "Хурзæрин"-ы аварион хиды фæдыл

© Photo : Пресс-служба Правительства РЮОСовещание в правительстве РЮО по восстановлению моста в микрорайон "Солнечный"
Совещание в правительстве РЮО по восстановлению моста в микрорайон Солнечный - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.05.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 23 мая - Sputnik. Цхинвалы администраци æмæ траспортон фæткдаруатæн бахæс кодтой сæххæст кæнын траспортон бастдзинад столицæйæ микрорайон "Хурзæрин"-мæ æндæр фæндагыл, уымæн æмæ къуырисæры æхгæд æрцыд Леуахийы сæрты аварион хид.
Скъуыддзаг рахастой Хуссар Ирыстоны премьер-министр Джуссойты Константины рабадтыл профилон уагдæтты разамонджытимæ. Фембæлды рæстæджы дзырд цыд аварион хиды уавæрыл.
Хицауады пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй рабадты рæстæджы фехъусын кодтой ахæм варианттæ, куыд ног хиды арæзтад фидæны Инвестпрограммæйы фæлгæтты, рæстæгмæ понтонон хиды арæзтад æмæ зæронд хиды капиталон цалцæг.
"Адæмы хид хъæуы æвæстиатæй. Мах хъуамæ ссарæм фæрæзтæ æмæ фадæттæ, цæмæй сарæзæм ног хид æввахс рæстæджы, цæмæй микрорайоны цæрджытæн зындзинæдтæ ма уа трапсортон бастдзинадимæ", - загъта хицауады сæрдар.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, кæронбæттæн скъуыддзаг рахæссыны фадат уыдзæн хид уæрæсейаг эксперттæ куы басгарой, уый фæстæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0