Таймæзты Мæдинæ ссис дунейы чемпионаты бронзæйон призер

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæТаймæзты Мæдинæ
Таймæзты Мæдинæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.05.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 23 май – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Ирыстойнаг дзюдоисткæ Таймæзты Мæдинæ рамбылдта бронзæйон майдан дунейы чемпионаты дзюдойæ Абу-Дабийы (ОАЭ).
Таймæзты Мæдинæ бацахста æртыккаг бынат 70 килограммы уæзы категорийы. Бронзæйон майданыл тохы уый рамбылдта грекаг дзюдоисткæ Елизавет Телцидуйы.
Таймæзты Мæдинæйæн ацы майдан ссис фыццаг дунейы чемпионатты. Ирон дзюдоисткæ ма у 2020 азы Олимпиаг хъæзтыты бронзæйон призер Токиойы.
Дунейы чемпионат дзюдойӕ цӕуы Абу-Дабийы 19-23 майы. Ерысты хайад исынч 700 спортсмены 110 бӕстӕйӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0