УУМ радзырдтой "Хурзæрин"-ы хиды уавæры басгæрсты фæстиуджытæ

© Photo : Пресс-служба МЧС РЮОУУМ радзырдтой "Хурзæрин"-ы хиды уавæры басгæрсты фæстиуджытæ
УУМ радзырдтой Хурзæрин-ы хиды уавæры басгæрсты фæстиуджытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.05.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 23 май - Sputnik. Цхинвалы цæгаттаг хайы Леуахийы сæрты хид, кæцы куъырийы райдайæны сæхгæдтой автотранспортæн, тæссаг фистæг бæлццонтæн дæр, быцæуы бетонон плитæты æхсæн скъуыд фылдæр кæны, фехъусын кодта республикæйы Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæ.
"Микрорайон "Хурзæрин"-ы хид УУМ æмæ Капиталон арæзтады фæктдаруаты специалисттæ куы басгарстой, уæд рабæрæг, бетонон плитæты æхсæн скъуыд кæй фылдæр кæны", - банысан кодтой министрады.
Уагдон сиды фистæг бæлццонтæм, цæмæй ма цæуой хиды сæрты сæрмагонд барамынды онг.
"Ацы стадийыл аскъуыддзаг кодтам сæвæрын скъуыды бынæтты контролон маяктæ, цæмæй уавæрмæ дарддæр нæ цæст дарæм", - бахахх кодтой уагдоны.
Министрады бафтыдтой, зæгъгæ, специалистты иумæйаг къорд сараздзæн хиды техникон уавæры акт, кæцы бавдисдзæн Хуссар Ирыстоны хицауадмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0