https://sputnik-ossetia.com/20240525/fs-srdar-krokus-y-terakt-koordinatsi-kodtoy-ig-khstont-afgaynag-pakistaynag-zony-29210347.html
ФÆС сæрдар: "Крокус"-ы теракт координаци кодтой ИГ хæстонтæ афгайнаг-пакистайнаг зонæйæ
ФÆС сæрдар: "Крокус"-ы теракт координаци кодтой ИГ хæстонтæ афгайнаг-пакистайнаг зонæйæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 25 май - Sputnik. "Крокус сити холл"-мæ цы террористтæ бабырстой, уыдон архайд координаци кодтой интернеты уылты "Вилаят Хорасан" къорды уæнгтæ (ацы... 25.05.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-05-25T17:33+0300
2024-05-25T17:33+0300
2024-05-26T16:50+0300
уӕрӕсейы
ног хабӕрттӕ
уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/03/1a/28500161_0:0:3071:1728_1920x0_80_0_0_b2e02d1a7a00983b7246443c3568a4b7.jpg
ЦХИНВАЛ, 25 май - Sputnik. "Крокус сити холл"-мæ цы террористтæ бабырстой, уыдон архайд координаци кодтой интернеты уылты "Вилаят Хорасан" къорды уæнгтæ (ацы террористон организаци хауы ИГ-мæ), кæцытæ уыдысты афгайнаг-пакистайнаг зонæйы. Уый тыххæй фехъусын кодта Уæрæсейы Федералон æдасдзинады службæйы (ФÆС) директор Александр Бортников Хæдбар паддзахæдты æмбалады (ХПÆ) æдасдзинады органтæ æмæ сæрмагонд службæты разамонджыты Советы рабадтыл Бишкекы.Украинæйаг фæд"Крокус"-ы теракты хайад иста Украинæйы æфсæддон разысгæрст, уый фæдыл ныридæгæн гæнæн ис фидарæй дзурын, бахахх кодта Бортников.Теракты заказчикты нысанФÆС сæргълæууæг банымадта теракты заказчикты нысæнттæй иу æрхæссын зиан ХПÆ бæстæты ахастытæн религиозон æмæ националон факторты руаджы."Мах зонæм, ацы теракты заказчикты нысæнттæй иу кæй уыд æрхæссын зиан ХПÆ бæстæты ахастытæн религиозон æмæ националон факторты руаджы. Нæ геополитикон ныхмæлæуджытæ нывæндынц фехалын уникалон æхсæнэтникон æмæ æхсæнконфесссионалон баланс, кæцы сæвзæрд нæ адæмты æхсæн дææргъвæтин периоды рæстæджы", - загъта Бортников.
уӕрӕсейы
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/03/1a/28500161_40:0:2769:2047_1920x0_80_0_0_61b6a44db6696eb630957f47684794bc.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
уӕрӕсейы, ног хабӕрттӕ, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
уӕрӕсейы, ног хабӕрттӕ, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
ФÆС сæрдар: "Крокус"-ы теракт координаци кодтой ИГ хæстонтæ афгайнаг-пакистайнаг зонæйæ
17:33 25.05.2024 (Ранӕуӕггонд: 16:50 26.05.2024) ЦХИНВАЛ, 25 май - Sputnik. "Крокус сити холл"-мæ цы террористтæ бабырстой, уыдон архайд координаци кодтой интернеты уылты "Вилаят Хорасан" къорды уæнгтæ (ацы террористон организаци хауы ИГ-мæ), кæцытæ уыдысты афгайнаг-пакистайнаг зонæйы. Уый тыххæй фехъусын кодта Уæрæсейы Федералон æдасдзинады службæйы (ФÆС) директор Александр Бортников Хæдбар паддзахæдты æмбалады (ХПÆ) æдасдзинады органтæ æмæ сæрмагонд службæты разамонджыты Советы рабадтыл Бишкекы.
"Разысгæрсты рæстæджы, кæцыйы дæргъы нын æххуыс кодтой нæ коллегæтæ Казахстан, Киргизи, Таджикистан æмæ Узбекистанæй, сбæрæг кодтам, цæттæгæнæн архайд, финанскæнынад, террористты бабырст æмæ ацыд координаци кодтой интернеты уылты "Вилаят Хорасан" къорды уæнгтæ афгайнаг-пакистайнаг зонæйæ", - хъусын кæны РИА Новости Бортниковы ныхæстæ.
"Крокус"-ы теракты хайад иста Украинæйы æфсæддон разысгæрст, уый фæдыл ныридæгæн гæнæн ис фидарæй дзурын, бахахх кодта Бортников.
"Фæдысгæрст дарддæр цæуы, фæлæ ныридæгæн фидарæй гæнæн ис зæгъын, ацы бабырсты хайад кæй иста Украинæйы æфсæддон разысгæрст", - загъта уый.
ФÆС сæргълæууæг банымадта теракты заказчикты нысæнттæй иу æрхæссын зиан ХПÆ бæстæты ахастытæн религиозон æмæ националон факторты руаджы.
"Мах зонæм, ацы теракты заказчикты нысæнттæй иу кæй уыд æрхæссын зиан ХПÆ бæстæты ахастытæн религиозон æмæ националон факторты руаджы. Нæ геополитикон ныхмæлæуджытæ нывæндынц фехалын уникалон æхсæнэтникон æмæ æхсæнконфесссионалон баланс, кæцы сæвзæрд нæ адæмты æхсæн дææргъвæтин периоды рæстæджы", - загъта Бортников.