Президент æрсидт рауагъдонтæм, цæмæй аккаг уой Фыдыбæстæ, ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытæн

© Sputnik / Анна СанакоеваГаглойты Алан раарфæ кодта рауагъдонтæн
Гаглойты Алан раарфæ кодта рауагъдонтæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.05.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 май - Sputnik. Скъолайы фæуд у иууыл ахсджиагдæр моменттæй иу алкæцы адæймаджы царды дæр, радзырдта рауагъдонтæн Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан.
Хуссар Ирыстоны æппæт скъолаты сабаты айзæлыд фæстаг дзæнгæрæг 500-йæ фылдæр рауагъдонæн. Бæрæгбонон линейкæтæ ацыдысты алкæцы скъолайы дæр, паддзахады сæргълæууæг бабæрæг кодта Къуаисайы скъола, ацы аз уым ис 10 рауагъдоны.
© Анна СанакоеваГаглойты Алан раарфæ кодта рауагъдонтæн
Последний звонок в Квайсиньской средней школе  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.05.2024
Гаглойты Алан раарфæ кодта рауагъдонтæн
"Курæг уæ дæн, цæмæй кæмфæнды дæр уат аккаг уæ Фыдыбæстæ, ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытæн. Нæ Райгуырæн бæстæйы сомбон аразгæ у сымахæй. Уæ номæй арфæ кæнын республикæйы æппæт рауагъдонтæн", - банысан кодта Гаглойты Алан.
Президент бафтыдта, зæгъгæ, абонæй фæстæмæ фæсивæд слæудзысты царды стыр фæндагыл, æмæ уыдоны раз гом сты алы дуæрттæ.
Паддзахады сæргълæууæг уæлдай бузныджы ныхæстæ загъта ахуыргæнджытæ æмæ рауагъдонты ныййарджытæн.
Ног хабӕртты лентӕ
0