Хуссар Иры райдыдта цыбыр кусӕгон къуыри

© Sputnik / Михаил АвагимовЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.05.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 май - Sputnik. Хуссар Ирыстоны райдыдта цыбыр кусӕгон къуыри, кусгӕ бонтӕ уыдзысты ӕрмӕстдӕр къуырисӕр ӕмӕ дыццӕг (27 ӕмӕ 28 май), улӕфгӕ та республикӕ кӕндзӕн ӕртыццӕгӕй хуыцаубонмӕ (29 майӕ 2 июньмӕ).
Улӕфт бонтӕ баст сты республикӕйы хӕдбардзинад расидыны Акт райсыны бӕрӕгбонимӕ. Афтӕ ма рахастой улӕфт бон сабатӕй, 25 майӕ, майрӕмбонмӕ, 31 маймӕ.
Хуссар Ирыстон ӕртыццӕджы банысан кӕндзӕн хӕдбардзинад расидыны Акт райсыны 32-ӕм афӕдзы бон, документ райста республикӕйы Уӕлдӕр Совет 1992 азы 29 майы.
Республикӕйы историйы иууыл ахсджиагдӕр документтӕй иумӕ гӕсгӕ, Хуссар Ирыстон у нӕдихгӕнгӕ, йӕ территорийыл архайы Конституци ӕмӕ РХИ законтӕ. Фӕстӕдӕр Акты бындурыл ист ӕрцыдысты ӕппӕт паддзахадон артибуттӕ, арӕзт ӕрцыдысты хицауады институттӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0