Хуссар Иры столицæйы хæдтулгæ ныццавта карджын сылгоймаджы

© Sputnik / Natalia AiriyanРынчындон
Рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.05.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 май - Sputnik. Цхинвалы Audi хæдтулгæ ныццавта пенсиисæджы, сылгоймаджы бакодтой рынчындонмæ, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Фæндагон-транспортон цау æрцыд къуырисæры Сталины уынгыл.
"Audi хæдтулгæ ныццавта Цхинвалы 71-аздзыд сылгоймаджы, кæцыйы буары цæфтимæ бакодтой рынчындонмæ", - банысан кодтой министрады.
Аварийы æууæлтæ бæрæг кæныны Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0