Сомихы цӕуынц протесты акцитӕ премьер Никол Пашиняны отставкӕйы домӕнтимӕ

© Sputnik / Арам Нерсесян /  Ахизын медиабанкмæАкция протеста в Ереване. Архивное фото
Акция протеста в Ереване. Архивное фото  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.05.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 мая - Sputnik. Сомихы премьер-министр Никол Пашиняны отставкӕйы фӕдыл домӕнтимӕ протесты акцитӕ райсомӕй фӕстӕмӕ цӕуынц Ереваны, хъусын кӕны РИА Новости.
Цӕрджытӕ, кӕцыты сӕргъ лӕууы Сомихы апостолон дзуары Тавушаг епархийы разамонӕг, архиепископ Баграт Галстанян, уадзынц протесты акцитӕ столицӕйы централон уынгты. Ныридӕгӕн фехъусын кодтой, полици кӕй ӕрцахста 140 адӕймаджы.
Ереваны 9 майӕ уагъд цӕуынц протесты акцитӕ, адӕм домынц премьер Никол Пашиняны отставкӕ, Азербайджанимӕ арӕны делимитаци ӕруромын ӕмӕ азербайджайнаг фарсӕн цалдӕр арӕнгӕрон территори ма раттын.
Ног хабӕртты лентӕ
0