Хуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыстоны ӕхсӕн арӕн сӕхгӕндзысты парламентон ӕвзӕрстыты рӕстӕджы

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыстоны ӕхсӕн арӕн
Хуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыстоны ӕхсӕн арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.06.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 июн – Sputnik. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстон ӕхсӕн паддзахадон арӕн сӕхгӕндзысты хъӕлӕскӕнынады бон, уадзӕн пунктты куыст сног кӕндзысты 20 июны, фехъусын кодта президент Гаглойты Алан тыхон структурӕты разамонджытимӕ фембӕлдӕ рӕстӕджы.
Президент бахахх кодта, зӕгъгӕ, алыгъуызон политикон тыхтӕ парахат кӕнынц дезинформаци.
"Парахат цыд информаци, ома хъӕлӕскӕнынады бон республикӕйы паддзахадон арӕн Гуырдзыстонимӕ уыдзӕн гом. Уый фӕдыл бахӕс кодтон Арӕнгӕрон службӕйӕн рахизын арӕн хъахъхъӕныны фӕтыхджындӕргонд режиммӕ. Уадзӕн пункттӕ кусдзысты штатон графикмӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕхгӕд уыдзысты 20-ӕм июны онг", - хъусын кӕны президенты ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.
Афтӕ ма Гаглойты Алан фехъусын кодта, ныгуылӕйнаг бӕстӕты сӕрмагонд службӕтӕ фӕнд кӕнынц фехалын ӕвзӕрстыты процесс, уыдон пайда кӕнынц сӕ информаицон фадӕттӕй уый тыххӕй.
"Бирӕтӕ сидынц демаршмӕ, аннӕтӕ та сидынц хъӕлӕс кӕнын алкӕй ныхмӕ дӕр. Алчидӕр нӕ хъуамӕ алцыдӕр сараза, цӕмӕй ӕвзӕрстытӕ ацӕуой сабы уавӕры, законмӕ гӕсгӕ", - фехъусын кодта Гаглойты Алан.
Хуссар Ирыстоны парламентмӕ ӕвзӕрстытӕ ацӕудзысты 9 июны.
Ног хабӕртты лентӕ
0