Контрабандисттӕ фӕнд кодтой ӕрбаласын Гуырдзыстонӕй Цӕгат Ирмӕ гашишы 200 килограммы

© Sputnik / Владимир Иванов /  Ахизын медиабанкмæУӕллаг Ларс
Уӕллаг Ларс - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.06.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 июн - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны уадзӕн пункт Уӕллаг Ларсы уӕзласӕн хӕдтулгӕйы ссардтой гашишы 200 килограммы, кӕцы фӕнд кодтой ӕрбаласын Гуырдзыстонӕй Уӕрӕсемӕ, хъусын кӕны Уӕрӕсейы Федералон ӕдасдзинады службӕйы (ФӔС) ӕхсӕнадон бастдзинӕдты Центр.
"Уӕрӕсейы ФӔС Арӕнгӕрон фӕткдаруаты кусджытӕ Цӕгат Ирыстоны таможнӕимӕ ӕмархайды рӕстӕджы не ‘руагътой ӕрбаласын Уӕрӕсемӕ наркотикон буарадтӕ", - банысан кодтой уагдоны.
ФӔС бафтыдтой, зӕгъгӕ, уӕзласӕн хӕдтулгӕйы басгӕрсты рӕстӕджы ссардӕуыд 2112 брикеты гашишимӕ, кӕцыйы массӕ уыд 200-йӕ фылдӕр килограммы.
Ног хабӕртты лентӕ
0