УФ Генпрокуратурӕ барвыста ног куырдиӕттӕ "Цӕгаттаг потокты" терактты фӕдыл

© Sputnik / Алексей МайшевУФ Генпрокуратурӕ
УФ Генпрокуратурӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.06.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 июн – Sputnik. Уӕрӕсейы Генералон прокуратурӕ барвыста ног куырдиӕттӕ "Цӕгаттаг потокты" терактты фӕдыл Америкӕ, Германи, Франци ӕмӕ Кипрмӕ, хъусын кӕны РИА Новости.
"Уӕрӕсейы Федерацийы генералон прокуратурӕ барвыста АИШ, Германи, Франци ӕмӕ Кипры компетентон органтӕм уӕлӕмхасӕн куырдиӕттӕ "Цӕгаттаг поток-1" ӕмӕ "Цӕгаттаг поток-2"-йы газы хӕтӕлтӕ спырх кӕныны фӕдыл", - хъусын кӕны агентад цӕстдардон уагдоны официалон минӕвар Андрей Ивановы ныхӕстӕ.
Иванов бахахх кодта, зӕгъгӕ, факттӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, АИШ, Кипр ӕмӕ Франци нӕ ауагътой теракты финанскӕнынад ӕмӕ ӕндӕр архайды фӕдыл фӕдагуырд. Германи та нӕ ӕххӕст кӕны йӕ ӕхсӕнадӕмон хӕстӕ Уӕрӕсеимӕ ӕмгуыстады фӕдыл, афтӕмӕй ацы бӕстӕтӕ сты ӕхсӕнадӕмон антитеррористон конвенциты хайадисджытӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0