Хуссар Иры МХМ снысан кодтой ӕдасдзинады мадзӕлтты комплекс парламентон ӕвзӕрстытӕм

© Sputnik / Наталья АйриянПарламентон ӕвзӕрстытӕ
Парламентон ӕвзӕрстытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.06.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджытӕ 7-ӕм июнӕй рахиздзысты службӕйы фӕтыхджындӕргонд режиммӕ – ӕмбӕлон хӕслӕвӕрд республикӕйы мидхъуыддӕгты министр Гуыцмӕзты Алан радта уагдоны штабӕн, хъусын кӕны министрады пресс-службӕ.
Уый размӕ Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бахӕс кодта тыхон структурӕты разамонджытӕн рахизын службӕйы фӕтыхджындӕргонд режиммӕ парламентон ӕвзӕрстыты рӕстӕджы. МХМ оперативон рабадты рӕстӕджы Гуыцмӕзты Алан ӕрдзырдта уагдоны разамынадимӕ ӕдасдзинады мадзӕлттыл парламентмӕ ӕвзӕрстыты рӕстӕджы.
"МХМ штабӕн бахӕс кодтой бацӕттӕ кӕнын приказ, кӕцымӕ гӕсгӕ мидхъуыддӕгты органты кусджытӕ 7-ӕм июнӕй сӕрмагонд барамынды онг рахиздзысты службӕйы фӕтыхджындӕргонд режиммӕ. Афтӕ ма ӕхсӕнадон ӕдасдзинады милицийӕн бахӕс кодтой цӕст дарын ӕнахъомтӕм, цӕмӕй сӕ ма ӕрбаздахой ӕвзӕрстыты агитацимӕ", - банысан кодтой министрады.
Министр ма радта фӕдзӕхст, цӕмӕй уагдон ӕмархайд кӕна республикӕйы барадхъахъхъӕнӕг органтимӕ, афтӕ ма сорганизаци кӕной ӕдасдзинады мадзӕлттӕ ӕвзарӕн фадгуыты Цӕгат Ирыстон ӕмӕ Мӕскуыйы.
Хуссар Ирыстоны парламентмӕ ӕвзӕрстытӕ ацӕудзысты 9 июны.
Ног хабӕртты лентӕ
0