Цхинвалы Фырсыгъдæг Мад Майрæмы аргъуаны кæрты бавдыстой æвзонг нывгæнджыты иконæтæ

© Sputnik / Фатима ПлиеваПравославная выставка лицеистов
Православная выставка лицеистов  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.06.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 июн – Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы Фырсыгъдæг Мад Майрæмы аргъуаны кæрты байгом Колыты Аксойы номыл аивæдты Лицейы ахуырдзауты куыстыты равдыст.
"Аргъуаны равдыст ауадзыны хъуыды фæзынд мæнмæ æмæ фыд Симонмæ. Мах бацæттæ кодтам куыстытæ Куадзæнмæ æмæ сæ равдыстам Лицейы. Фыд Симон нæм æрбацыд уазæгуаты, æмæ йын æз банхъардтон саразын равдыст аргъуаны кæрты. Уый зæрдæмæ фæцыд ацы хъуыды, æмæ мах æрбаластам куыстытæ ардæм", - радзырдта Лицейы аивадон хайады хистæр Дзæгъиаты Альбина.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, рæстдинон равдысты инициатортæ сты Лицейы ахуырдзаутæ.
"Махæн ахæм практикæ никуы уыд, цæмæй фыссæм иконæтæ. Уый уыд сывæллæтты хъуыды", - загъта Дзæгъиаты Альбина.
Экспозици гом уыдзæн дыууæ боны дæргъы.
Ног хабӕртты лентӕ
0