Гаглойты Алан: нырыккон уырыссаг ӕвзаг у дунеон культурон хӕзна

© Sputnik / Natalia AiriyanАлександр Пушкин
Александр Пушкин - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.06.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 июн - Sputnik. Уырыссаг ӕвзаг алыхатт дӕр иу кодта фыдӕлтӕ ӕмӕ байзӕддӕгты фӕлтӕртӕ иу адӕмммӕ йӕ монон бастдзинады руаджы, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан йӕ арфӕйы телы Уырыссаг ӕвзаджы боны фӕдыл, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
Президент зӕрдыл ӕрбалӕууын кодта, ацы бӕрӕгбон ӕппӕт дунейы кӕй нысан кӕнынц гениалон поэт, нырыккон уырыссаг литературон ӕвзаджы бындурӕвӕрӕг Александр Пушкины райгуырӕн бон.
"Ӕвзаг у адӕмы истори, цивилизаци ӕмӕ культурӕйы фӕндаг. Нырыккон уырыссаг ӕвзаг у дунейы егъаудӕр ӕвзӕгтӕй иу, дунеон культурон хӕзна, ӕхсӕнпаддзахадон коммуникацийы инструмент. Уырыссаг ӕвзаг алыхатт дӕр иу кодта фыдӕлтӕ ӕмӕ байзӕддӕгты фӕлтӕртӕ иу адӕммӕ йӕ монон бастдзинады руаджы", - бахахх кодта Гаглойты Алан.
Хуссар Ирыстоны цӕрынц бирӕ нациадты минӕвӕрттӕ, ӕмӕ уырыссаг ӕвзаг ирон ӕвзагимӕ иумӕ хъахъхъӕнын у нӕ иумӕйаг хӕс.
Ног хабӕртты лентӕ
0