Хуссар Иры МХМ кусджыты ралӕудӕй бӕрзонд саргъ кодтой ӕхсӕнадӕмон конференцийы

© Photo : Пресс-служба МВД РЮОХуыгаты Аманда ӕмӕ Мӕргъиты Зауыр
Хуыгаты Аманда ӕмӕ Мӕргъиты Зауыр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.06.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджытӕ Хуыгаты Аманда ӕмӕ Мӕргъиты Зауыры докладтӕ бацахстой фыццаг ӕмӕ ӕртыккаг бынӕттӕ ӕхсӕнадӕмон зонадон-практикон конференцийы "Юридикон зонад ӕмӕ практикӕ". Мадзал цыд Уӕрӕсейы МХМ Нижегородон академийы.
Хуссар Ирыстоны МХМ пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй Хуыгаты Аманда ӕмӕ Мӕргъиты Зауыр ахуыр кӕнынц Уӕрӕсейы МХМ Нижегородон академийы экономикон ӕдасдзинад ӕмӕ коррупцийы ныхмӕ тохы фӕдыл факультеты ӕртыккаг курсыл.
"Ралӕудты темӕтӕ нывонд уыдысты Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы нормативон-барадон базӕйы анализӕн хъалонты законады фӕдыл", - хъусын кӕны пресс-службӕ Хуыгаты Амандайы ныхӕстӕ.
МХМ минӕвӕрттӕ радӕууыдысты докладтимӕ ахӕм темӕйыл - "Экономическая криминалистика на страже экономической безопасности". Хуыгаты Амандайы куыстӕн радтой фыццаг бынаты диплом, Мӕргъиты Зауыр та ацыд ӕртыккаг бынатыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0