Хуссар Иры премьер фембæлд Уæрæсейы регионты къухдариуæгадимæ Петербурджы форумы фæлгæтты

© Пресс-служба Правительства РЮОХуссар Иры премьер фембæлд Уæрæсейы регионты къухдариуæгадимæ Петербурджы форумы фæлгæтты
Хуссар Иры премьер фембæлд Уæрæсейы регионты къухдариуæгадимæ Петербурджы форумы фæлгæтты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.06.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады сæрдар Джуссойты Константин æмæ хуссарирыстойнаг делегацийы уæнгтæ Петербурджы æхсæнадæмон экономикон форумы фæлгæтты фембæлдысты Уæрæсейы регионты хицауады разамонджытимæ æмæ базонгæ сты форумы экспозицитимæ, фехъусын кодта цыппæрæмы хицауады пресс-службæ.
Хуссарирыстойнаг делегаци премьер Джуссойты Константины сæргълæудæй хайад исы Петербурджы æхсæнадæмон экономикон форумы. Джуссойты Константин æрдзырдта æмгуыстады фарстытыл Мæскуыйы областы губернатор Андрей Воробьевимæ æмæ Астраханы областы губернатор Игорь Бабушкинимæ.
Афтæ ма ацыд фембæлд Хъырымы министрты Советы сæрдары хæдивæг, Уæрæсейы президенты æвджид республикæйы æххæстбарджын минæвар Георгий Мурадовимæ.

"Нæ хæс у раразмæ кæнын дарддæры æмгуыстад Уæрæсеимæ, фæфылдæр кæнын базайрæгты æрзылд. Республикæйы къухдариуæгад президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй алыварсон архайд кæны ацы фарстыл, мах та агурæм фадæттæ сæвзæргæ хæслæвæрдтæ аскъуыддзаг кæнынæн", - банысан кодта Джуссойты Константин Мурадовимæ фембæлды рæстæджы.

Подписание соглашения между Ульяновской областью РФ и Южной Осетией на полях ПМЭФ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.06.2024
Хуссар Ир ӕмӕ Ульяновскы област бафыстой ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд
Ног хабӕртты лентӕ
0