Президент æрдзырдта партиты лидертимæ парламентон æвзæртыстыты хæдразмæ

© Sputnik / Аслан Тедеев Президенты администраци
Президенты администраци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.06.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 июн - Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан фембæлд æвзæрстон кампанийы цы политикон партитæ хайад исынц, уыдоны лидертимæ. Паддзахады сæргълæууæг сæм æрсидт конструктивон диалогмæ.

"Æз уæ æрæмбырд кодтон, цæмæй уæм æрсидон стабилондзинадмæ æвзæрстыты период. Хъыгагæн, ис тыхтæ, кæцытæ тырнынц фехалын æвзæрстытæ, цæмæй адæм хайад ма райсой хъæлæскæнынады. Мах уый нæ бауадздзыстæм", - фехъусын кота Гаглойты Алан.

Президент зæрдыл æрбалæууын кодта, хуыцаубоны, хъæлæскæнынады бон, Хуссар Ирыстоны кæй нысан кæндзысты Згъудеры Уастырджийы бæрæгбон.
"Æз сидын не ‘мбæстæгтæм, цæмæй хуыцаубоны сихоры онг хайад райсой æвзæрстыты, стæй та æрбаиу уой бæрæгбонмæ", - загъта президент.
Политикон партиты лидертæ банысан кодтой, æвзæрстон кампани кæй цæуы сабыр уавæры.
"Æвзæрстытæ сты ахсджиаг цау нæ æхсæнад æмæ нæ республикæйы историйæн. Политикон партитæ хъуамæ сæхимæ райсой бæрндзинад æвзæрстыты уавæры фæдыл", - бахахх кодта коммунистты лидер Коцты Станислав.
Парти "Ныхас"-ы лидер Бесаты Зита банысан кодта оппонентты æхсæн æгъдауджын ахастытæ.
Парти "Иудзинад"-ы разамонæг Кокойты Зурабы ныфс ис, Хуссар Ирыстон дунейæн кæй равдисдзæн политикон æвзæрстыты бæрзонд культурæ.
"Адæмон парти"-йы лидер Харебаты Сергей фидарæй загъта, хъæлæскæнынмæ кæй æрбацæудзысты бирæнымæц æвзарджытæ.
"Иры Фарн" партийы сæрдар Цоциты Хох та бахахх кодта, зæгъгæ, ирон адæм равдисдзысты æвзæрстыты сæ хорз миниуджытæ.
Хуссар Ирыстоны парламентмæ æвзæрстытæ ацæудзысты 9 июны. Хайад дзы исынц авд партийы: "Адæмон парти", "Адæмы иудзинад", "Иры фарн", Коммунистон парти, "Иудзинал", "Иугонд Ирыстон" æмæ "Ныхас", афтæ ма иумандатон зылдтæй кандидаттæ дæр.
Ног хабӕртты лентӕ
0