Уæрæсейаг специалисттæ ауадздзысты æнæаргъ медицинон консультацитæ Хуссар Иры цæрджытæн

© Sputnik / Natalia AiriyanРынчындон
Рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.06.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 июн - Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстонмæ июны æрцæудзысты уæрæсейаг медицинон специалисттæ, уыдон ауадздзысты æнæаргъ консультацитæ республикæйы цæрджытæн. Уый тыххæй Sputnik-æн фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Джыгкайты Томас.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, республикæмæ æрцæудзысты армы хирург, Цæгат Кавказы хуыздæр специалисттæй иу Калоты Руслан, сывæллæтты хирург-онколог, медицинон зонæдты кандидат Саулаты Хъазбег æмæ уролог, медицинон зонæдты кандидат Джиоты Залико.
"Уыдон сты нæ хæлæрттæ, не ‘мбæстæгтæ. Уыдон æрцæудзысты Цхинвалмæ æнæаргъæй", - загъта Джыгкайты Томас.
Министр бахахх кодта, зæгъгæ, онколог Саулаты Хъазбег уадздзæн консультацитæ дыууæ боны дæргъы. Куы бахъæуа, уæд та цæттæ у акæнын йемæ пациентты Мæскуымæ.
Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр æрсидт республикæйы цæрджытæм, кæцыты хъæуы дохтырты консультаци, æрбадзурын специалисттæм æнæмæнгхъæугæ анализтæ æмæ иртæстытимæ.
"Курæг стæм, цæмæй консультацитæм пациенттæ цæуой æнæмæнгхъæугæ иртæстытимæ. Специалистты æрцыды датæ æмæ æнæмæнгхъæугæ иртæстыты тыххæй информаци гæнæн ис райсын нæ телеграм-каналы", - банысан кодта Джыгкайты Томас.
Министр бафтыдта, зæгъгæ, азы дæргъы Хуссар Ирыстонмæ нывæндынц æрцæуын специалисттæ Дзæуджыхъæуы медицинон институт æмæ Мæскуыйы Бакулевы кардиохирургон центрæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0