https://sputnik-ossetia.com/20240606/uyryssag-avzadzhy-bon-khussar-iry-ssardtoy-nomdzyd-poet-aleksandr-pushkiny-rukhs-nom-29349188.html
Уырыссаг ӕвзаджы бон: Хуссар Иры ссардтой номдзыд поэт Александр Пушкины рухс ном
Уырыссаг ӕвзаджы бон: Хуссар Иры ссардтой номдзыд поэт Александр Пушкины рухс ном
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 6 июн - Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны банысан кодтой Уырыссаг ӕвзаджы бон ӕмӕ ссардтой номдзыд уырыссаг поэт Александр Пушкины рухс ном... 06.06.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-06-06T15:04+0300
2024-06-06T15:04+0300
2024-06-06T17:25+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
ӕхсӕнад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/06/06/29342030_0:120:1280:840_1920x0_80_0_0_044fc1e5170ac1b97b7cd383d8ddd30d.jpg
ЦХИНВАЛ, 6 июн - Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны банысан кодтой Уырыссаг ӕвзаджы бон ӕмӕ ссардтой номдзыд уырыссаг поэт Александр Пушкины рухс ном. Мадзал нывонд уыд зындгонд фыссӕджы райгуырӕн боны 225-ӕм афӕдзы бонӕн.Мадзалы уазджытæ æмæ хайадисджытæн паддзахады сæргълæууæг Гаглойты Аланы номæй раарфæ кодта бæрæгбоны фæдыл Хуссар Ирыстоны президенты администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Джиоты Константин.Мадзалмæ ма æрбацыдысты Хуссар Ирыстоны ахуырад æмæ зонады министр Лолаты Аслан, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим, æхсæнад æмæ интеллигенцийы минæвæрттæ, республикæйы студенттæ æмæ скъоладзаутæ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/06/06/29342030_0:0:1280:960_1920x0_80_0_0_77c526791692e0b9fd63450bd3d5b1c3.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ӕхсӕнад
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ӕхсӕнад
Уырыссаг ӕвзаджы бон: Хуссар Иры ссардтой номдзыд поэт Александр Пушкины рухс ном
15:04 06.06.2024 (Ранӕуӕггонд: 17:25 06.06.2024) ЦХИНВАЛ, 6 июн - Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны банысан кодтой Уырыссаг ӕвзаджы бон ӕмӕ ссардтой номдзыд уырыссаг поэт Александр Пушкины рухс ном. Мадзал нывонд уыд зындгонд фыссӕджы райгуырӕн боны 225-ӕм афӕдзы бонӕн.
"Абоны бӕрӕгбон иу кӕны махӕн нӕ иумӕйаг уырыссаг ӕвзаг. Ацы бон ӕрӕмных кодтой номдзыд поэт Александр Пушкины райгуырæн бонмæ, уый уацмыстыл мах ахуыр кодтам нæ сабион бонтæй фæстæмæ. Мах æнкъардтам дуне Александр Сергейы фырты дзырдтæ æмæ фæлгонцтæй", - загъта Уæрæсейы минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов.
Мадзалы уазджытæ æмæ хайадисджытæн паддзахады сæргълæууæг Гаглойты Аланы номæй раарфæ кодта бæрæгбоны фæдыл Хуссар Ирыстоны президенты администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Джиоты Константин.
"Абон у æцæгдæр стыр бæрæгбон æппæт уырыссаг дунейæн, уымæн æмæ 225 азы размæ райгуырд номдзыд поэт. Александр Пушкины гæнæн ис схонын уырыссаг поэзийы бындурæвæрæг, уый йæ цард æнæхъæнæй снывонд кодта уырыссаг æвзаджы райрæзтæн", - банысан кодта Джиоты Константин.
Мадзалмæ ма æрбацыдысты Хуссар Ирыстоны ахуырад æмæ зонады министр Лолаты Аслан, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим, æхсæнад æмæ интеллигенцийы минæвæрттæ, республикæйы студенттæ æмæ скъоладзаутæ.