Хуссар Иры МХМ радзырдтой æдасдзинады мадзæлтты тыххæй æвзарæн фадгуыты

© Sputnik / Наталья АйриянПарламентмæ æвзæрстытæ
Парламентмæ æвзæрстытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.06.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны æппæт æвзарæн фадгуытæ ифтонг уыдзысты металлодетектортæй, уымæй дарддæр ма сæ басгардзысты республикæйы тыхон структурæты сапертæ, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Республикæйы 9 июны ацæудзысты парламентмæ æвзæрстытæ. Уый размæ Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бахæс кодта тыхон структурæты разамонджытæн майрæмбонæй рахизын службæйы фæтыхджындæргонд режиммæ.
Æвзæрстыты рæстæджы æхсæнадон фæтк хъахъхъæнынмæ æрбаздахдзысты МХМ æппæт дæлхайæдты, банысан кодтой министрады.
"Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды инженерон-техникон хайады кусджытæ тыхон структурæты сапертимæ иумæ басгардзысты æвзарæн фадгуытæ æмæ сæ алыварс территори техникон фæрæзтæ æмæ службæйон куыйты руаджы. Афтæ ма æвзарæн фадгуытæ ифтонг уыдзысты металлодетектортæй", - радзырдтой министрады.
Æдасдзинады уæлæмхасæн мадзæлттæ ист æрцæудзысты Хуссар Ирыстоны горæтты уынгты æмæ районты, милицийы къордтæ æдзух рады лæудзысты æппæт æвзарæн фадгуыты цур.
Ног хабӕртты лентӕ
0