Хуссар Иры уыдзӕн улӕфт бон ног къуырийы ӕмбис Уӕрӕсейы Боны цытӕн

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры уыдзӕн улӕфт бон ног къуырийы ӕмбис Уӕрӕсейы Боны цытӕн
Хуссар Иры уыдзӕн улӕфт бон ног къуырийы ӕмбис Уӕрӕсейы Боны цытӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.06.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 июн – Sputnik. Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕм ног къуырийы ӕмбис ӕнхъӕлмӕ кӕсы улӕфт бон Уӕрӕсейы Боны цытӕн.
2024 азы бӕрӕгбонон бон 12 июнь хауы ӕртыццӕгмӕ.
Уӕрӕсейы Бон нысан кӕнынц ӕрвылаз 12 июны. Ацы бон 1990 азы райстӕуыд Деклараци Уӕрӕсейы паддзахадон суверенитеты фӕдыл. Уӕрӕсейы Уӕлдӕр Совет 1991 азы майы расидт 12 июнь улӕфт бонӕй. Ноджы ма иу азы фӕстӕ – 1992 азы июны – ацы бон банымадтой бӕрӕгбонон боныл. Уӕрӕсейы Фӕллойадон кодекс куы райстӕуыд, уӕд бӕрӕгбонӕн официалон ӕгъдауӕй радтой ном "Уӕрӕсейы Бон".
Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсейы Бон 2005 азӕй фӕстӕмӕ нысан кӕнынц куыд паддзахадон бӕрӕгбон ӕмӕ вӕййы улӕфт бон.
Ног хабӕртты лентӕ
0