Хуссар Иры УУМ специалисттæ иуварс кæнынц тæрккъæвда æмæ ихуарды фæстиуджытæ

© SputnikЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.06.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 июн – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) специалисттæ иуварс кæнынц æрдзон бæллæхы фæстиуджытæ, фехъусын кодта Sputnik-æн ирвæзынгæнæн-агурæн къорды сæргълæууæг Чехойты Алан.
"Цхинвалы цалдæр уынгыл æрхаудысты бæлæсты къалиутæ: горæты центры Театралон фæзуаты цур, Паддзахадон автоинспекцийы цур, Хетæгкаты Къостайы æмæ Хъайтарты уынгыл. Мах кусæм ацы проблемæтыл хæрзарæзтады фæткдаруатимæ иумæ", - загъта уый.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, тæрккъæвда æмæ ихуарды фæстиуджытæ аиуварс кæныныл архайы сæрмагонд техникæйы æртæ иуæджы æмæ иу зынгфæдисон хæдтулгæ.
Чехойты Алан бахахх кодта, зæгъгæ, æрдзон бæллæхы фæстиуæгæн зианбаййафджытæ нæй, фæлæ къалиуты тыххæй бахъыгдард сты цалдæр хæдтулгæйы.
Уый ма бафтыдта, горæтæй дарддæр æвзæр боныгъæд кæй æрхаста зиан Цхинвалы районы дæр.
Ног хабӕртты лентӕ
0