Туркæй цæстдарæг радзырдта парламентон æвзæрстыты хъæлæскæнынады цыды тыххæй

© Sputnik / Михаил АвагимовПарламентон æвзæрстытæ
Парламентон æвзæрстытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.06.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 июн – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны æвзæрстытæ цæуынц сабыр уавæры, загъта æхсæнадæмон цæстдарæг Туркæй Хоситы Бурхан.
Хуссар Ирыстоны цæуынц æстæм æрсидты парламентмæ æвзæрстытæ. 12.00 сахатмæ хъæлæскæнынмæ æрбацыдысты æвзарджыты 30 проценты. Æвзæрстытæм сæ цæст дарынц æртынæй фылдæр æхсæнадæмон минæвары.
"Мах уыдыстæм фондз æвзарæн фадыджы. Адæм хъæлæс кæнынц сабыр уавæры, кады ахаст сын ис кæрæдзимæ. Æз уыдæтты тыххæй радзурдзæн Турчы дæр", - загъта Хоситы Бурхан.
Хоситы Бурханы зæрдæ загъта республикæйы адæмæн, цæмæй ацы æвзæрстыты фæстиуджытæ æрхæсой хорздзинад Хуссар Ирыстонæн.
Ног хабӕртты лентӕ
0