ЦӔК фехъусын кодта бӕрӕггӕнӕнтӕ бюллетенты 20% бакусыны фӕстӕ

© Sputnik / Михаил АвагимовЦӔК пресс-центр
ЦӔК пресс-центр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.06.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 июн - Sputnik, Козаты Диана. Централон ӕвзарӕн къамисы (ЦӔК) развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ Хуссар Ирыстоны парламентон ӕвзӕрстыты лидер у "Иугонд Ирыстон"-ы парти.
ЦӔК хуыцаубоны ӕхсӕв фехъусын кодта развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕ бюллетенты 21 процентыл бакусыны фӕстӕ.
Развӕлгъау хатдзӕгтӕ сты:
"Адӕмон парти" - 5,86%
"Адӕмы иудзинад" - 2,4%
"Иры фарн" - 5,37%
"Коммунистон парти" - 6,14%
"Иудзинад" - 2,37%
"Иугонд Ирыстон" - 45,67%
"Ныхас" - 29,59%
Алкӕй ныхмӕ дӕр – 3,0%
ЦӔК уӕнг Джиоты Фатимӕ бахахх кодта, нырма кӕй бакуыстой протоколты чысыл хайыл ӕмӕ фӕстиуджытӕ ивдзысты.
Афтӕ ма къамис фехъусын кодта развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕ кӕцыдӕр иумандатон зылдты фӕдыл.
Горӕт Цхинвалы:
Зылд №1 – Коцты Игорь
Зылд №3 – Гасситы Александр.
Зылд №6 – Жажиты Анатолий.
Дзауы район
Зылд №12 – Харебаты Ибрагим.
Ног хабӕртты лентӕ
0