Ӕрдзырдтой боны фӕткы фарстытыл: Женеваг дискусситы ӕмсӕрдарты фембӕлды хатдзӕгтӕ

© Sputnik / Аслан Тедеев Президенты администраци
Президенты администраци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.06.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 июн – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Цхинвалы Фӕскавказы ӕдасдзинады фӕдыл Женеваг дискусситы ӕмсӕрдартимӕ фембӕлды рӕстӕджы ӕрдзырдтой боны фӕткы ӕппӕт фарстытыл. Уый тыххӕй пресс-подходы рӕстӕджы фехъусын кодта Евроцӕдисы минӕвар Тойво Клаар.
ИНО, ОБСЕ æмæ Евроцæдисы минæвæрттæ традицимæ гæсгæ æрцыдысты Цхинвалмæ дискусситы радон раунды хæдразмæ.
"Махӕн уыд пайдаджын фембӕлд. Мах ӕрдзырдтам боны фӕткы ӕппӕт фарстытыл. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тыхӕй ма пайда кӕнын, паддзахадон арӕны делимитаци, афтӕ ма ӕнӕпилотон тӕхӕг аппаратты ӕнӕзаконон атахт ӕмӕ ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг гоймӕгты агуырды фарстытӕ сты иууыл ахсджиаг Женеваг дискусситы фӕлгӕтты. Мах нывӕндӕм ауадзын лӕмбынӕг дискусси ацы фарстыты фӕдыл", - банысан кодта Тойво Клаар.
ОБСЕ-йӕ ӕмсӕрдар Виорел Мошану бахахх кодта, Женеваг дискусситы ӕппӕт хайадисджытӕ ӕмбарынц, ацы форматӕн кӕй ис стыр нысаниуӕг регионы стабилондзинад ӕмӕ ӕдасдзинад бавӕрыны хъуыддаджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0